Адæмон хъахъæнæг абон Панкисы фембæлдтæ сараздзæн
Гуырдзыстоны адæмон хъахъæнæг Нино Ломджария, адæмон хъахъæнæгы хæдивæгимæ Екатерина Схиладзеимæ æмæ аппараты бæрнонтимæ Панкисы, хъæу Дуисмæ ныццæудзысты.
Адæмон хъахъæнæгы аппараты информацийæ, плангонд сты фембæлдтæ Тамерлан Мачаликашвилийы бинонтимæ, афтæ дæр раздæрон культурайы хæдзары бынæттон педагогтимæ æмæ сылгоймæгты цæдисы уæнгтимæ.
Адæмон хъахъæнæг Панкисы цæрæг пысылмонтыл дæр фембæлдзæн, Дуисы мечеты.