Адæмон барты хъахъхъæнæгы аппарат – адæймаджы барты æмæ сæрибардзинæдты æрдгæй идентифициргонд проблемæтæ падзахады æрдгæй эффективон къахдзæфты фæстиуæгæн алыг вæййынц
Гуырдзыстоны адæмон барты хъахъхъæнæгы аппарат ноджы иу хатт арфæ кæны алкæмæн адæймаджы барты хъахъъхæдады боны фæдыл æмæ дзуры, цæмæй йæм ныфс ис ома адæймаджы барты æмæ сæрибардзинæдты хъахъъæдады æрдгæй азты дæргъы идентифициргонд проблемæтæ, паддзахады æрдгæй эффекивонкъахдзæфты саразыны фæстиуæгæн алыг вæйынц, кæцы бæсæйы адæймаджы барты хъахъхъæдады æмæ сæрибардзинæдты хъахъхъæды гъæды фæхуыздæр æрхæссы, – уый фæдыл адæмон барты хъахъхъæнæг ахæлиугонд фидиуæны дзырдæуы.
Фидиуæны æрнымад сты проблемæтæ, кæцыты алыг кæнын. Адæмон барты хъахъъхæнæгы офисы æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, паддзахадæй стыр хъусдард домы. Сæрмгаондæй рахицæнгонд сты адæймаджы барты хæлды фактытæ оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл.
«2023 азы адæймаджы барты хъахъхъæдыл гакк сæвæрдта оккупацион тыхтæ Гуырдзыстоны æмбæстаг Тамаз Гинтурийы кæй амардтой уый. Фæнысангонд уæззау факт уый фæстиуæг у, цæмæй ацы рæстгæмæ æнæфхæрд сты Гуырдзыстоны цыппар æмбæстагы: Давит Башарулийы, Гига Отхозориайы, Арчил Татунашвилийы æмæ Ираклий Къварацхелиайы марджытæ, цæуылдæр бæрн æвæрд цæуы Уæрæсейы Федерацийыл. Цæрыны бары халындзинадимæ иумæ. Хъыгагæн, нырмадæр дарддæр кæны оккупацигонд территоритыл æмбæстæгты æнæзакъонон æрцахстыты æмæ сæм æнæмбæлон ахасты парктикæ; этниконæй гуырдзиаг цæрджытæм не фты фадат мадæлон æвзагыл ахуыр кæнын; æнæзакъонон «бордеризацйы» процесс та æрвылбойнон цардуагæй ссис», – дзырдæуы адæмон барты хъахъхъæнæгы фидиуæны.