Хорватаг генерал Слободан Пралякъы фервæзын кæнын дохтыртæ нал бахъом сты

Адæймагады ныхмæ фыдракæнды тыххæй  тæрхонмæ лæвæрд   хорватаг  генералы, Слободан  Пралякъы  фервæзын кæнын  дохтыртæ  нал  бахъом сты. Гаагайы  æхсæнадæмон   трибуналы  раз  генерал,   аппеляцион тæрхондоны  вердикты  фехъусын кæныны  фæстæ,  банызта марг.  Æнæзонгæ тæнгъæд райсыны размæ уый  тæрхондонæй йæ мæстдзинад сфиксир кодта  æмæ расидтис,ц æмæй  уый æфсæддон  фыдгæнæг нæу.

Слободан Пралякы тæрхондоны залæй рынчындонмæ фæхæццæ кодтой,  фæлæ   йæ фервæзын кæнын нал бантыст.

1990 азты, Босниа-Герцоговинайы хæсты рæстæджы,  адæймагады ныхмæ фыдракæнды  аххосагæй,   генерал  Слободан Пралякъæн тæрхондон 2013 азы  20  азы æмгъуыдон ахст стæрхон кодта.   Уый азымджын кæнынц  пысылмонтæм хъомысдарынады,  марындзинады æмæ сæ депортацийы.