Ацы рæстæгмæ  уæвæг бæрæггæнæнтæй, Украинайы  Уæрæсейы  абоны  ракетон  хафты фæстуæгæн фæхъуыд 28  адæймаг
Ацы рæстæгмæ уæвæг бæрæггæнæнтæй, Украинайы Уæрæсейы абоны ракетон хафты фæстуæгæн фæхъуыд 28 адæймаг

Киевы Уæрæсейы   ракетон   бырсты  фæстиуæгæн  амæттагы нымæц 17-ы  онг райрæзт.

Украинаг  медиайы  информацийæ, бæстæйы  сæйраг горæты  цæф сты 66  адæймаг.

Киевы мэр Виталий Кличкойы  информацийæ, сабион рынчындоныл бомбæкалды  рæстæджы дыууæ   адæймаг амард  рынчындоны территорийыл. Иуæй-иу   фæмардуæвæг у дохтыр.  Ракетон   бырсты  фæстиуæгæн  сывæллæтты  рынчындоны  бæстыхайы  иу  хай ныккалдис.

Афтæма  Киевы   Днепры  районы  дыууæ адæймаг   амард   медицинон  центры   ракетæйы  састыты æрхауды фæстиуæгæн.

Абон Уæрæсейы  æфсад  ракетæтæ  фехста   горæт   Кривый Ригыл дæр, цы ран   дæс  адæймаг фацæф, 41  та  амард.  Фæмардуæвжыты нымæцы   æхсæз нæлгоймаг æмæ цыппар сылгоймæгтæ  сты.  Уæрæсейы   æфсады нысанæй ссис  Славянск æмæ  Краматорск дæр.

Æмтгæй райсгæйæ  Украинæйы абон Уæрæсейы  ракетон хафты фæстиуæгæн   28  адæймаг  амард. Уæрæсе Украинæйы горæттыл   хафт 38 гиперзæлон æмæ  стратегион   ракетæйæ сыххæст кодта.  Украинайы   уæлдæфон   иргъæфы  тыхтæ 30 ракетæ æрыппæрстой.