Цæугæ азы нефты базарыл нæ уыдзæн стабилондзинад æмæ гæнæн ис иу баррель нефты аргъ 80 доллары онг фæзынаргъ уа.
Ахæм прогноз дæтты иуæй-иу ставд америкаг финансон къорд «Ситигрупп». Нефты аргъы рæзты сæйраг рискъыты æхсæн «Ситигруп» ахæм фактортæ бавдыста, цахæм дæр сты Æввахс Скæсæны конфликтты тас, афтæдæр АИШ-ы æмæ Цæгат Кореяйы æхсæн рæзгæ æндыгъддзинад, кæцы æвзæрын кæны æфсæддон быцæудзинады тас.
«Стигруппы» хъуыды кæнынц цæмæй гæнæн ис иу баррель нефты аргъ 2018 азы, 70-80 доллары фæлгæтты уа.