Ацы этапыл Гуырдзыстон тæрхон кæны «Pfizer», «Astrazeneka» æмæ «Moderna» вакцинæты æрбаласыныл
Гуырдзыстон вакцинацийы программæмæ ацы этапыл, æрмæст уыцы вакцинæтыл уынаффæ кæны, кæцытæн ис карз регулиргæнæг органты авторизаци æмæ афтæма, æнæниздзинад хъахъхъæнынады æппæтдунейон организацийы преквалифициргонд вакцинæ гæнæн ис, уа уыцы вакцинæ, кæцыйыл Гуырдзыстон хъуыды кæны, куы сфæлхас кæна уымæй, – уый фæдыл æнæнизхъахъхъæды министры хæдивæг Тамар Габуниа райхъусын кодта.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы этапыл Гуырдзыстон кусы «Pfizer», «Astrazeneka» æмæ «Moderna» вакцинæты æрбаласыныл.
«Ацы этапыл, китайаг вакцинæтæй иунæг дæр нæ банымадтой карз регулиргæнджытæ æмæ нæдæр æнæниздзинад хъахъхъæнынады æппæтдунейон организацийы æрдгæй нæу преквалифициргонд. Уыйадыл ацы этапыл цæуыл тæрхон кæнæм сты: «Pfizer», «Astrazeneka» æмæ «Moderna» – кандидат вакцинæтæ кæцытæй гæнæн ис бæстæ сфæлхас кæна», – райхъусын кодта Тамар Габуниа.