Ачъарайы туристон сезон официалонæй абон байгом уыдзæн. Ачъарайы туризмы департаменты информацийæ, абон Батумы бульвары плангонд у æндæр æм æндæр мадзæттæ ауадзын. Сæ нымæцы уыдзæн æндæр æмæ æндæр шоутæ донбылыл, змæлды театры пантомимæ, ахуыргæнинаг-фæсивæды галуаны авиашоу абеты мæсыгы цур, балет æмæ DJ сæрдыгон театры цур.
Ачъарайы туризмы департаменты куыд хуъсын кæнынц афтæмæй, специалонæй сезоны байгоммæ регионы архайæг алы музейы, Петрайы гæнахы æмæ Гониойы Апсаросы гæнах-музеймæ бацæуын уыдзæн æнæфидгæйæ. Батумы падзахадон драмон театры кæрты уазджытæн лæвæрд уыдзæн спектакль «Элладос», кæцымæ бацæуын афтæдæр уыдзæн æнæфидгæ.
Ачъарайы туристон сезоны официалонæй байгомагъоммæ иу бон размæ, туризмы æмæ культурæйы сферæйы минæвæртты массон вакцинацийы процесс райдыдта.