Ачъарайы  æнæнизхъахъхъæды министры  информацийæ,  китайаг туристтæм  короновирус нæ фæбæрæг ис
Ачъарайы æнæнизхъахъхъæды министры информацийæ, китайаг туристтæм короновирус нæ фæбæрæг ис

Батумы   цæстдарды  бын уæвæг  китайаг  туристтæм  короновирус нæ фæбæрæг  ис – уый фæдыл   Ачъарайы   æнæнизхъахъхъæды   министры хæдивæг   Нино Нижарадзе   райхъусын кодта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,   лабораторион   иртасыны  фæстиуджытæ   ныридæгæн бæрæг сты, кæцытæм гæсгæ,   короновирус  не  сбæлвырд ис.

Китайаг туристтæ   Ачъараы  регион  нырид рацыдысты.