Абоны бæрæггæнæнтæй, электроэнергийы фидинагтыл уæлбар æмбæлы 1 200 000 абонентмæ, æрмæст æрдзон газыл та - 650 000 абонентмæ
Абоны бæрæггæнæнтæй, электроэнергийы фидинагтыл уæлбар хауы 1 200 000 абонентмæ, æрмæст æрдзон газыл та – 650 000 абонентмæ. Уый фæдыл Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн хицауады администрацийы фехъусын кодтой.
Гуырдзыстоны премьер-министр, Гиорги Гахариа, æхсæнуагдонон советы рабадтыл абон райхъусын кодта, цæмæй хицауад рахаста уынаффæ, кæцымæ гæсгæйæ, алкæцы æмбæстагæн, чидæриддæр мæйы дæргъы 200 квт-æй къаддæр электроэнерги æмæ 200 кубон метрæй къаддæр газ хардз кæны, æртæ мæйы дæргъы паддахад æххæстæй сфинанс кæндзæн коммуналон фидинæгтæ. Дзырдæуы марты, апрелы æмæ майы фидиуæнгтыл.
Афтæма, банысан кæнын хъæуы уый, цæмæй уæлбар æххæссы ныссыгъдæджы лæггады æмæ доны фидиæнгтæм дæр.