Абонæй Тбилисæй Батуммæ абалц кæнын гæнæн уыдзæн 3 сахат æмæ 30 минутмæ
Абонæй Зестафоны фæрсдзæуæн фæндаджы байгомы фæстæ, Тбилисæй Батумы онг балц кæнын 3 сахат æмæ 30 минутмæ уыдзæн гæнæн. Фæнысангонды фæдыл информацийы Гуырдзыстоны хицауад хъусын кæны.
Рикъоты магистралон фæндадджы арæзтаы проекты фæлгæтты, Шорапан-Аргветайы фадыгыл Зестафоны фæрсдзæуæн фарасткиломтерджын магистралон фæндаг автотранспортæн абонæй байгом ис.
Фæрсдзæуæн фæндаг рацæуынн æрмæст æхсæз минут бахъæудзæн.
Зесафоны фæрсдзæуæн фараст км-он цыппархаххджын фæндагыл ис цыппар тунел æмæ 11 хид.
Нырид цæуы æмбæлгæ процедурæтæ ног магистралон фæндаджы цур бæлццæтæн лæггады центр саразынæн, цы ран уыдзæн тыгхдадтæ естафоны традицион тагъд хæлцады объекттæн.
Рикъоты æфцæгы фæндаджы арæзтады фæлгæтты арæзт цæуы 52-км-ы онг фæндаг, кæцыйыл уыдзæн 97 хиды æмæ 51 тунелы. Ацы рæстæгмæ автотранспортæн гом у 36 км фæндаг, арæзт сты 89 хиды æмæ лыг сты 50 тунелы.