Абонæй Тбилисы метройы фыццаг æмæ дыккаг хаххытыл вагонты ног сконд змæлдзæн
Абонæй Тбилисы метройы фыццаг иу уæлæмхас цыппарвагонджын, æмæ дыккаг хаххыл (Сабурталойы хахх) æртæвагонджын ранæуæггонд змæлгæ сконд кусдзæн. Дыууæ къуыримæ дыууæдæр хаххмæ ноджы бамхас уыдзæн фæйнæ сконды.
Вагонты модернизацтйы фæлгæтты ивд æрцыд машинисты кабинæйы формæ, райрæзтис йæ фæзуат æмæ смонтаж ис нырыккон кондициргæнæн системæ. Кабинæтæ афтæдæр сифтонг кодтой нырыкон скъæрæн пультытææй, ивд æрцыд вагонты æддæ æмæ мид дизайн.
Афтæдæр вагонты сæвæрдтой специалон монитортæ, ранæуæг ис поездты змæлды æдасдзинады рæвдзæгæнæг автоматон системæтæ, кæцы йæ хъуыдыйы дары зм1æлгæ скондты æхсæн æдас интервалы принцип.
2019 азы 27 вагоны модернизаци план кæны.