Абонæй коммуналон уæлбардзинæдты программæ скуыста æмæ физикон уæнгтæ ацы программæйæ цыппар мæйы дæргъы – ноябры, декабры, январ æмæ февралы пайда кæндзысты.
Программæйы фæлгæтты, коммуналон фидинæгты нæ бафиддзысты абоненттæ, кæытæ мæйы мидæг хардз кæнынц 200квт/с –ы онг электроэнерги. Ацы абоненттæм афтæдæр нæ баххæсдзæн ныссыгъдæджы куысты æмæ ныуазæн доны фидинаг.
Гуырдзыстоны энергетикæйы регулиргæнæг комиссийы информацийæ, ахæм абонкнтты нымæц у 1,2 милуанæй фылдæр.
Афтæма падздахадон субсидийæ пайда кæндзысты уыцы абоненттæ, кæцытæ мæйы мидæг 200 кубометр онг æрдзон газ судзынц. Ахæм абонентты нымæц у 650 минæй фылдæр.
Уыйимæ иумæ, ГЭРК-ы вебфарсыл архайы программæ, кæцыйы æмбæстæгтæн сæ бон у уæлбардзинадыл нæ зæгъын.