Гуырдзыстоны радæй фæндзæм президенты инаугурацийы фæстæ бæстæйы скусдзæн ног конституций.
Конституци кæцы у 11 сæр æмæ 78 статийæ, иуырдыгæй адæймаджы бартæ стандарттæ бæлвырд кæны æмæ иннæрдгæй та хицауадон къалиуты æххæстбартæ бæрæг кæны.
Парламент бæлвырд конституцийы банысангонд у цæмæй гуырдзыстон у социал-барадон паддзахад, кæцы ауды дзыллæйы социалон рæстагдзинады, социалон æмсæрад æмæ социалон солидарондзинады принципты фæфидар кæныныл.
Конституцийæ бæлвырд у алы адæймагы æмсæрад æмæ тобæгонд дискриминаци расæй, буары цъары хуызы, æрды, равзæрды, этникон нысанæй, æвзагы, религийы, политикон кæнæ æндæр цæтснæгас кæмæн ис, социалон зылды, мулкъон кæнæ титулы уавæрты, цæрæн бынаты кæнæ æндæр нысанмæ гæсгæ.
Ног конституцийæ афтæдæр арæнæвæрд у къайады дефиници æмæ дзы дзырдæуы, ома къайад у сылгоймаджы æмæ нæлгоймаджы бинонтæ скæныны нысанæй цæдис.
Къайады хуызæн, Гуырдзыстоны конституцимæ хаст æрцыд барастытæ хъæууон-хæдзарадон зæххы фадгуыты тыххæй. Документмæ гæсгæйæ хъæууон-хæдзарады нысаниуæгы зæхх, куыд секрмагонд нысаниуæгы ресурс, гæнæн ис уа æрмæст паддзахады, хæдуынаффæгæнæг иуагы, Гуырдзыстоны æмбæстагы кæнæ Гуырдзыстоны æмбæстæгты иугонды исады.
КОнституцион ивдтыты фæлгæтты ивд æрцыд 94-æм статий дæр кæцы ахизгæ уагæвæрды хуызæй сырæзт,, кæцыйы мидæг банысангонд у, цæмæй ацы закъоны скусын кæнынæй 12 азы дæргъы, акцизы рæзт, иумæйаг-паддзахадон фидтоны ног хуыз æрбайсын кæнæ фæуæлдай кæнын, гæнæн уыдзæн æрмæстдæр референдумы фæндагæй, органон закъонæй бæрæг цаутæй дарддæр.
Уæлдæрбанысангондæй уæлдай, конституцийы бæрæг сты политикон фарстатæ дæр, сæ нымæцы президенты сывзарыны æгъдау, парламенты комплектацийы фарста æмæ бæстæйы æддагполитикон къурс. Сæрмагондæй та, конституцимæ гæсгæйæ 2020 азмæ, архайдзæн мажоритарон системæ, фæлæ политикон партитæм иухаттонæй уыдзæн фадат парламентон æвзæрстытыл блокъгай баиу уой. Ног конституцимæ гæсгæйæ бæстæ процпорцион системæмæ ахиздзæн 2024 азæй.
КОнституцийы ивд æрцыд парламенты бынат дæр, сæрыфыццагæй фæткдæттæг къорд конституцион проекты парламенты бынатæй нал бавдыста Кутаис, фæстæдæр та ахицæн кодта, цæмæй 2019 азы январæй закъондæттæг орган сæйраг сахармæ æххæстæй æрыздæха.
Парламенты бынаты хуызæн ивд æрцыд президенты ссывзарыны æгъдау дæр. Ног конституцимæ гæсгæйæ 2023 азæй Гуырдзыстоны президенты æвзæрст сырæздзæн æвзæрстгæнæг коллегийы руаджы, комкоммæ æгъдауæй нæ фæлæ, уæдмæ Гуырдзыстоны цæрджытæ радæй фæндзæм президенты æхсæз азы æмгъуыдæй (иухаттонæй) 28 октябры сывзардзысты.
Ног конституцийæ фæмацы ис æдасдзинады совет æмæ йæ бæсты, хæстон уавæры рæстæджы, уынаффæгæнæг орган – националон хъахъхъæнынады советæй фæбæрæг, кæцйыйы сæрдар уыдзæн Гуырдзыстоны президент.
Банысан кæнинаг у уый æмæ Гуырдзыстоны парламенты бæлвырд конституцийы дзырдæуы бæстæйы европаг, евро-атлантикон структурæтæм интеграцийыл æмæ дзырдæуы, ома конституцион оргæнтæ, сæ æххæстбарты фæлгæтты, алы мадзал хъуамæ райсæт Европæйы цæдисы æмæ цæгат-атлантикон бадзырдты организацимæ Гуырдзыстоны æххæст интеграци срæвдз кæнынæн.
Парламент сæйраг конституцион ивдтытæ 2017 азы 26 сентябры сбæлвырд кодта, кæцыйыл фæстæдæр президент Гиорги Маргвелашвили вето сæвæрдта æмæ уагдонмæ мотивацигонд фиппаинæгтæ бавдыста. Фæткдæттæг къорд фиппаинæгтæ йæ зæрдыл нæ бадардта, 110 разы хъæлæсæй 8-ы ныхмæ ветойы сæрты ахызт æмæ фæстагмæ, конституцион проект 117 разы хъæлæсæй 7-ы ныхмæ сбæлвырд кодта.