Абонæй июлы кæронмæ аэропорты фæндагыл, автотранспорты змæлд хайгай фæтобæ уыдзæн
Тбилисы, аэропорты сосафæндаджы цæуæн хайы реабилитацион куыстыты тыххæй, абон 11:00 сахатæй 31 июлы банымадæй, автотранспорты змæлд хайгай фæтобæ уыдзæн.
Информацийы хъусын кæны Мидхъуыддæгты министрады патрулон полицийы департамент.
«МХМ-ы патрулон полицийы департамент уын хъусын кæны, цæмæй Тбилисы, европæйы уынгыл (аэропорты сосафæндагыл) фæндаджы цæуæн хайы реабилитацион куыстыты тыххæй, цæугæ азы 6 июны 11:00 сахатæй, 31-аг июлы банымадæй, автотранспорты змæлд хайгай фæтобæ уыдзæн.
Куыстытæ цæудзысты автомобилон фæндаджы нырма иу ардæмадыл – сахары центрæй аэропорты æрдæм, кæцы рæстæжы дæр, дыккаг хахх суыдзæн дыууæфарсон.
Фæнысангонд куыстыты фæуды фæстæ, змæлд фæтобæ уыдзæн фæндаджы дыккаг хаххыл – аэропортæй сахары æрдæм, кæцы рæстæджы дæр змæлд аиу уыдзæн реабилитацигонд фæндагмæ дыууæрфаоснæй», – банысангонд у МХМ-ы информацийы.