Абонæй  Гуырдзыстоны  сурзæххон арæнтæ гом кæнынц
Абонæй Гуырдзыстоны сурзæххон арæнтæ гом кæнынц

Абонæй  Гуырдзыстоны  сурзæххон арæнтæ гом кæнынц. Уынаффæ  æхсæнуагдонон координацион совет коронавирусимæ баст  тобæтæ фæрогдæр кæныны  фæлгæтты рахаста.

Советы уынаффæйæ, сурзæххон арæныл архайдзæн  режим, кæцы  абоны онг  архайдта  уæлдæфон арæнмæ гæсгæ.  Сæрмгаондæй та, арæныл рахизын гæнæн уыдзæн   æххæстæй  вакцинацийы  бæлвырдгæнæн  гæххæттимæ  æмæ  «PCR»  тесты æппæрццаг дзуаппимæ, кæнæ та  фæстаг 72 сахаты  дæргъы  арызт «PCR»  тесты æппæрццаг дзуаппæ, æмæ ахæм цауы  уæнгтæ, кæцытæ  Гуырдзыстонмæ æрбахиздзысты, хæсджын уыдзысты, фæдылдзог 72  сахаты дæргъы  фæлхатгæ «PCR»  тест саразын.

Уымæй  уæлдай ма, уыцы  бæстæты ранымадмæ, кæцыты æмбæстæгтæ  æмæ  резиденттæн Гуырдзыстоны арæныл рахизын  фæстаг 72  сахаты  арызт арызт «PCR»  тесты æппæрццаг дзуаппæй у сæ бон,  бахас сты  Канадæ, Япони, Кувейт, Китай, Хуссар Корея, Молдовæ, Оман.

Гуырдзыстонмæ æрбацæуæг визитортæй æрдомдзысты  æнæнизхъахъхъæды  фæдзæхсын, кæцыйы сæхи бæстæйы балхæндзысты,  кæнæ та –Гуырдзыстоны.