Абонæй цыппæрæм сентябры онг уæлæмхасæн арæнвæрдтæ архайынц
хсæнуагдонон координацион совет абоны рабадтыл цалдæр арæнæвæрд сфидар кæныны фæдыл уынаффæ рахаста, кæцы æртæ къуырийы дæргъы архайдзæн.
Сæрмагондæй та, координацион советы уынаффæйæ, 14 августæй 4 сентябрмæ, æртæ къуырийы дæргъы архайдзæн ахæм тобæтæ:
- Арæнгонд уыдзæн муниципалон транспорты змæлд. Тобæ не ххæссы горæтты æхсæн транспортмæ;
- Æххæстæй фæдзæхст уыдзæн фестивальтæ, ивхæрсæн мадзæлттæ, концерттæ æмæ спортивон ерыстæ;
- Арæнгонд уыдзæн сабион ивхæрсæн центрты куыст;
- Хæрæндон объекттæ, æхсæвы 00:00 сахаты бæсты, кусдзысты 23:00 сахатмæ
- Паддзахадон уагдæттæм лæвæрд уыд барамынд, максималонæй арвитой сæ кусджыты дистанцион режиммæ æмæ аналогион рекомендаци дæтты совет хицæн секторæн дæр;
- Вакцинацийы максималонæй апарахат кæнын æмæ рæувадат скæныны нысанæн, вакцинациы процессмæ баиу уыдзысты æфсæддон дохтыртæй комплектгонд бригадæтæ; муниципалон транспорты змæлды тобæйы уавæрты, паддзахад ифтонг кæндзæн вакцинацийы сæраг уагдæттæм цæрджыты регулярон транспортаци;
- Æнæнизхъахъъхæды уагдон дарддæр кæны кусын уæлæмхас сынтæджыты мобилизацийы æрдгæй;
- Максималонæй фæкарз уыдзæн контрол архайæг регуляцитæ сæххæстыл, уый нымæцы ахæм социалон мадзæлттæ ауадзыныл, цахæмдæр сты, чындзæхсæвтæ, зиантæ æмæ юбилейтæ. Бакой уын кæндзыстæм ацы типы мадзæлттæн фысым кæныны тыххæй, объекттæ фæивар уыдзысты 10 мин ларийæ, фæлхатгæ цауы та сæ – бынтон сыхгæндзысты.
- Уыимæ иумæ, координацион советы абоны рабадтыл, низты контролы националон центры къухдариуæггæнæг абоны рабадтыл баздæхтис координацион советы куырдиатæй, сентябрæй хæрæндон объекттæм, спа салонтæм, фитнесцентртæм æмæ ахæм типы уагдæттæм, адæмы уадзын гæнæн бауа вакцинæйæ иу кæнæ æххæст курс кæмæ ис, фæстаг 72 сахаты уагъд «PCR» кæнæ фæстаг 24 сахаты дæргъы арызт цырд антигены тесты æппæрццаг дзуаппы бындурыл. Фæнысангонд фарстыл советы фæуынаффæ кæндзысты æмæ цы уынаффæ рахæсдзысты, уый тыххæй æхсæнадæн фехъусын кæндзысты.