Абон у 9 май, фашизмыл уæлахизыдзинады бон. 1945 азы 8 майы, Германи капитуляцийы тыххæй куы фехъусын кодта уый фæстæ, фæцис Дыккаг дунеон хæст. 9 май та, фашизмыл уæлахиздзинады бонæй снысан ис. Дыккаг дунеон хæст Гуырдзыстоныл иттæг уæззау фæд ныууагъдта – нæ бæстæ фæхъуаг ис 300 000-ы онг æфсæддонæй.
Азты дæргъы ацы бон хæсты ветерантæ æмæ æхсæнады минæвæрттæ традиционæй Вакейцы паркы æмбырд кодтой æмæ æнæзынд æфсæддоны ингæнмæ иу дидингуытæ хастой. Фæлæ ацы аз, реабилитацион куыстыты тыххæй, Вакейы паркы Фашизмыл уæлахиздзинады бон бæрæггæнæн мадзал нæ ацæудзæн. Тбилисы мэрийы информацийæ, Дыккаг дунеон хæсты фæмардуæвджыты ном ссарын гæнæн уыдзæн ветеранты культурæйы æмæ улæфты (Киквидзейы) паркы.
Гуырдзыстоны хицауады уынаффæйæ, фашизмыл уæлахиздзинады 76-æм азы сæрмæ гæсгæйæ, дыккаг дунеон хæсты хайадисджытæ 1000 лари, æрмæст Дыккаг Дунеон Хæсты фæмардуæвджыты бинонты уæнгтæ та 500 ларийы бæрц иухаттон социалон æххуыс райсдзысты.