Тетрицъхъаройы муниципалитеты, Дидгорийы быдыры абон Дидгоробайы адæмон бæрæгбон банысан кæндзысты.
Мадзалы организаторты информацийæ, Дидгорийы мемориалы территори уазджытæн уыдзæн куыд музей.
Специалон тыгъдады сырæздзæн гуырдзиаг адæмон дæсныйады æмæ аивады хуызæгты равдыст-уæй, бавдыст уыдзæн традицион дарæс, орнаменттæ, кулинарий.
Бæрæгбон цæудзæн рæстæгмæ гæсгæйæ. Сценæйы судæгас кæндзысты Агъмашенебелийы эпохæ æмæ нырыккон эпохæимæ йæ баиу æрцæудзæн куыд цы традицитæ ма баззад уыдоны равдыстæй, афтæдæр рох культурон бындариуæгы æндидзын кæнынæй. Сырæздзæн хæстон аивады хуызæгты равдыст, афтæдæр хъæбысæй хæсты уынинаг ерыстæ: дугъ, хъæбысæйхæст, армлестлинг.
КОнцертон амалы хайд исынц: гуырдзиаг эстрадайы номдзыд зарæггæнджытæ, афтæдæр куыд бынæттон, афтæ Гуырдзыстоны æндæр æмæ æндæр рæтты минæвар паддзахадон æмæ адæмон фольклорон ансамбльтæ.
Дидгороба гуырдзиаг адæмы бирææнусон историйы зынгæ бынат ахсы. Паддзахад Давит Агъмашенебелийы зондджын æфсæддон стратегийы фæрцы, Дидгори хæдбардзинады æмæ сæрибардзинадæн тохы, иудзинады æмæ бæстæйæн сæруæлдайдзинады символæй ссис. 1121 азы Дидгорийы хæсты уæлахиздзинад бындур æрывæрдта бæстæйы æххæстæй ссæрибар-баиу кæнынæн æмæ Гуырдзыстон фæстагмæ æрфидар кодта регионы сегасæй хъомысджын паддзахады ном.