А.х. Рихъейы Дурынтæ аукционыл ауæй уыдзæн, райдайæн аргъ 95 милуан лари у
Тбилисы, Европæйы фæзыл уæвæг а.х. Рихъейы дурнытæ акуционыл ауæй уыдзысты – уый тыххæй райхъусын кодта экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министр, Натиа Турнава хицауады рабадты фæстæ.
Экономикæйы министрад приватизацион номхыгъды а.х. Рихъейы дурынтæ проект «100 инвестицион æнхъарæн бизнесæн» фæлгæттæм бахаста.
Натиа Турнавайы дзырдæй, объектæн 95 млн ларийы аргъ раттой.
Рихъейы дурнытæ 15 мин квадратон метр зæххы фæзуат ахсынц.
«Рихъейы дурынты» арæзтадыл, кæцы 2012 азы фæцис, 75 милуан лари бахардз ис. Объект ныр экономикæйы министрады балансыл уæвы.