9 майы Дыккаг Дунейон Хæсты ветерантæ 600 ларийы бæрц æхцайæ æххуыс райсдзысты
9 майы Дыккаг Дунеон Хæсты ветерантæ 600 ларийы бæрц æххуыс райсдзысты. Суммæйы алæвæрд регионты оккупацигонд территоритæй лигъдæтты, куысты, æнæнизхъахъхъæды æмæ социалон хъахъхъæды министрады, социалон лæггады агентад срæвдз кæндзæн, æрмæст сæйраг сахары та Тбилисы мэрий.
Оккупацигонд территоритæй лигъдæтты, куысты, æнæнизхъахъхъæды æмæ социалон хъахъхъæды министрады хъусинагæй, 9 майы, фашизмыл фæуæлахизы 74-æм азы сæрмæ нывонд мадзæлтты фæлгæтты, иухаттонæй, адæтдзæн æхцайæ æххуыс 600 ларийы бæрцæй, Гуырдзыстоны регионты регистрацигонд Дыккаг дунеон Хæсты 300 ветеранæн. Афтæдæр хæсты фæмардуæвджыты бинонты 209 уæнгæн – 300 ларийы.
Тбилисы мэрийы хъусинагæй, 9 маймæ гæсгæ, хæсты ветерантæн финансон æххуыс лæвæрд æрцыд Тбилисы мэрийы «Хæсты ветерантæн æххуысы» программæйы фæлгæтты.
Æнæнизхъахъхъæды æмæ социалон лæггады сахарон куыст, фашизмыл фæуæлахизы бонмæ гæсгæ Дыккаг Дунеон Хæсты ветерантæн финансон æххуыс арвыста.
Хæсты ветерантæй уæлдай, 9 маймæ гæсгæ, сæрмагонд хыгъдмæ иухаттон финансон æххуыс, дыккаг дунеон хæсты дарæгы чи фесæфта, уыцы уæнгтæн æрцыд æрвыст.
Дыккаг дунеон Хæсты ветерантæ райстой 600 лари, æрмæст бинонты дарæгы чи фесæфта уыцы уæнгтæ та 300 ларийы.
Абоны бонмæ, Тбилисы регистрацигонд сты Дыккаг дунеон Хæсты 190 ветераны.