9-æм майы, фашизмыл фæуæлахизы бон, абон ветерантæ Вакейы паркы æрымбырд сты.
Фашизмыл фæуæлахизы бон ветерантæн раарфæ кодта Гуырдызстоны премьер-министр Гиоргий Къвирикашвили, Гиоргий Маргвелашвили , парламенты сæрдар Ираклий Къобахидзе, Тбилисы мэр Каха Къаладзе æмæ оппозицийы бæрнонтæ.