70 аздзыдæй карджындæр пенсионертæн абонæй сæ пенситæ фылдæр кæнынц
Абонæй фыццаг июлæй 70 азæй хистæрдæр пенсионертæн, пенситæ 30 ларийæ фæфылдæр уыдзысты æмæ 250 ларийы бæрц суыдзысты. Гуырдзыстоны хицауады информацийæ, райрæзгæ пенсийæ спайда кæндзысты 410 минæй фылдæр пенсионеры.
Афæтма, уæлхох рæтты цæрæг 70 азæй хистæрдæр кары пенсионертæн та, с æпенси суыдзæн 300 лари, уымæн æмæ «Уæлхох регионты райтынгы фæдыл» законмæ гæсгæйæ, уæлхох рæтты цæрæг пенсион кармæ бахизæг уæнгтæм лæвæрд цæуы æрвылмæййон уæлæмхасæн паддзахадон пенсийы 20 проценты бæрцæй.
Хицауады æмбарын кæнынц, цæмæй 2021 азы январæй, хъавныц пенсийы индексацийы уаг æрбайсын, кæцымæ гæсгæ: пенсионертæн иууылдæр фылдæр кæндзысты пенситæ, инфлацийы уынинагмæ гæсгæйæ, кæнæ та æргъты рæзт нал бандавдзæн реалон пенсийы бæрцмæ; 70 аздзыд æмæ хистæрдæр кары пенсионертæн инфляцимæ ма бамхас уыдзæн реалон экономикон рæзты 80 процент, кæнæ та пенсийы æрвылазон рæзт уыдзæн инфляцийæ бæрзонддæр; æнæкæсгæ инфляцийы æмæ экономикон рæзты параметртæм, пенсийы рæзт нæ уыдзæн 20 ларийæ къаддæр, æрмæст 70 аздзыд æмæ уымæй карджындæр пенсионертæн та 25 ларийæ къаддæр.