51 оппозиционер депутат Уæрæсейы  спецкуыстытимæ Пæк-ы гæнæн  æмгуыстады  фактты бацахуыргæнæг фæдæвзарæг комисси саразын домынц
51 оппозиционер депутат Уæрæсейы спецкуыстытимæ Пæк-ы гæнæн æмгуыстады фактты бацахуыргæнæг фæдæвзарæг комисси саразын домынц

51  оппозиционер депутат парламенты  рæстæгмæ  фæдагурæг  комиссийы  саразын домынц,   кæцы  «2016-2017 азты æмæ уый фæстæ  периоды, Гуырдзыстоны паддзахадон æдасдзинады куысты  минæвæртты  Уæрæсеæй Федерацийы  спецкуыстытимæ  сусæг  æмæ   систематон æмкуысткæныны факттæ» хъуамæ бацахуыр кæнæт.

Æмбæлгæ уагæвæрды проект бюройы  райсомы  рабатыл  бавдыст уыдзæн.  Уагæвæрды  проеккты   банысангонд  у цæмæй  парламенты  рæстæгмæ  фæдагурæн  комиссийы бацахуыргæнæн  фарстаты  зылдæй  хъуамæ  cбæрæг уа – «Гуырдзыстоны паддзахадон æдасдзинады  куысты минæвæртты æмæ бæрзонд рангы  гæсты  Уæрæсейы Федерацийы  спецкуыстытимæ  сусæг  æмæ ситематон   æмкуысткæныны  фæдыл «TV Пирвели»-ы  эфиры  ацæугæ факттæ, афтæма,  бацахуыры процессы  хъуамæ сбæрæг уа  фæнысангонд уæнгты  æндæр   барадсæттæг   архæйдтытæ, кæцытæ тæссаг сты  Гуырдзыстоны паддзахадон æдадсзинадæн, суверенитетæн, территорион æнæхъæндзинадæн, политикон,  экономикон кæнæ æндæр интерестæн».

Рæстæгмæ фæдæвзарæг  комиссийы саразыны  æркуырдыл  къух бафыстой  парти» Лелойы», «Националон Змæлды», «Стратегиа Агъмашенебелийы», «Гирчийы» мæ парти «Гуырдзыстоны тыххæй»-ы   минæвæрттæ.

Регламентмæ гæсгæйæ,  рæстæгмæ  фæдæвзарæг  окмисси саразынимæ хъуапмæ сразы уа  50 депутат.