5-8 июлы Гуырдзыстоны æнхъæлмæкæсинаг у боныхъæды виппайды фæфыддæр
5-8 июлы Гуырдзыстоны æнхъæлмæкæсинаг у боныхъæды виппайды фæфыддæр.
Æрдзы националон агентады информацийæ, афонæй-афонмæ æнхъæлмæ каæсинаг у тæркъæвда, иуæй-иу рæтты фидар, гæнæн ис ихуард æмæ уаддымгæ дæр.
Афтæма æрдзы националон агентады хъусинагæй, æнхъæлмæкæсинаг хъызт, гæнæн ис Гуырдзыстоны цæугæдæттыл доны æмвæзады нысаниуæгджын рæзт расида, чысыл цæугæдæттыл та, донивылдтæ, æрмæст бæстæйы хохджын зхонæты, лæсæн-лæбырды процессты сæвзæрд-фæактивондзинад æрцæуа.
Æрдзы националон агентады информацийæ, 5 июлы, æхсæвы сахатты, цæугæдон Ненскрайы бассейны æнхъæлмæкæсинаг арæх дзадджын атфосферон дæлдзырæтты фæстиуæгæн раивылд цæугæдон Ненскра.
Чъуберы хъæу æмæ ноджы цалдæр цæрæн бынат, æддаг дунейæ раскъуыдысты. Цæугæдоны ривылды тыххæй, сцад ис алфæмблай территори. Рацæугæ лæбырд æмæ ивылд дон хъæутимæ иугæнæг хидтæ æмæ хæдзары аласта.