40 мин ларийæ фылдæр æфтиагыл исады декларацийы баххæст кодта 29 346 æмбæстаг, 100 мин ларийæ фылдæр æфтиагыл та – 8 764
Æфтиæгтæм гæсгæ, 2017 азы исады фиддоны декларацийы баххæст кодтой 38 110 адæймаг. Бæрæггæнæнтæ Фыццаг Канал ракуырдта финансты министрады æфтиæгты куыстæй.
2017 азы баххæстгонд декларациты фылдæр æххæссынц 40 минæй 100 мин ларийы онг æфтиагмæ. Сæрмагондæй та, æмбæлон документы 29 346 æмбæстаг баххæст кодта, 100 мин ларийæ фылдæр æфтиагыл та – 8764 æмбæстаг.
Афтæма æфтиæгты куысты бæрæггæнæнтæм гæсгæйæ фæстаг азты æмбæстæгты æфтиæгтæ фылдæр кæнынц. Сæрмагондæй та 2016 азы æфтиæгты декларацийы баххæст кодтой 33 330 æмбæстаг, сæ нымæцы 40-æй 100 мин ларийы онг æфтиагыл – 25 819, 100 минæй фылдæрыл та – 7 511.
Деклараци раззаг азы æфтиæгтæм гæсгæ баххæстæуы. Нымадмæ ист цæуы физикъон уæнгы æмæ йæ бинонты уæнгты æмтгæйон афæдзон æфтиаг.