31 майы Гуырдзыстоны банысан кæнынц пъæлицæйы бон. Фæнысангонды тыххæй мидхъуыддæгты министрады бæстыхайы цур ацæудзæн мадзал.
МХМ-ы пресс-куысты информацийæ, мадзалмæ хуынд сты Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили, премьер-министр Ираклий Гъарибашвили, хицауады æмæ парламенты уæнгтæ, афтæма Гуырдзыстоны акредитацигонд дипломативон корпусы минæвæрттæ.
Мадзал мидхъуыддæгты министрады администрацион бæстыхайы цур территорийыл 11:00 сахатыл райдайдзæн.