31 европарламентар Жозеп Боррелмæ сидынц, Гуырдзыстонæн кандидат статус æмæ Евроцæдисы финансирдзинады фæдыл æскъуыддзагмæ ногæй бакæсой

Снысангонд фыстæг депутат Петрас Аустревичус социалон хызы парахат кæны.

«Гуырдзыстоны хицауады æрдыгæй цæугæ æнæдемократион архайдтытæ, сæрмагондæй сæ агресси фæсарæйнаг агентты фæдыл «уырыссаг стилы» законы райст, сабырадон демонстрантты басабыр æмæ сæ ныхмæ тыхы спайдайы къуымæй, алы арæн ахызт. Ахæм архайдтытæ ноджы фæарфдæр кодтой быцæудзинад æмæ поларизаци гуырдзийаг политикæ æмæ æхсæнады, кæцы йæ ныхмæ цæуы фаараст къахдзæфы сыххæсты хæслæвæрдæн.

Сидæм уæм, карз позици бацахсут æмæ райсут дарддæр къахдзæфтæ, кæцытæ уыдзысты æрвыст Гуырдзыстоны хицауадмæ.

Фыццаг, Гуырдзыстоны хицауады æмæ хицаугæнæг парти «Гуырдзийаг бæллицы» архайд йæ ныхмæ цæуы Евроцæдисы кандидат бæстæйæн, хъуамæ уа урæд Гуырдзыстонæн кандидат -статус интеграцийы процессы. Дыгкаг, Евроцæдисы æрдыгæй Гуырдзыстоны хицауады  бюджеты æмæ хицауадон програмæты финансирдзинад хъуамæ уа каст ногæй. Æртыгкаг, æмгъуыд аргъæвды рацухæй хъуамæ уа лæвæрд аргъ 2023-æм азы , 8-æм ноябры рекомендациты сыххæсты Гуырдзыстоны прогрессмæ» -ис фысст европарламентарты фыстæгы.

Документы ис фыст, цæмæй фæстаг азты стыр куыст уагътой гуырдзийаг адæм æмæ Евроцæдисмæ интеграцийы фарсылхæцындзинадæн.