31 августы бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстоны æмтгæй райсгæйæ вакцинацигонд у 1 184 306 æмбæстаг
31 августы бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстоны коронавирусон инфекцийы ныхмæ æмтгæй райсгæйæ вакцинацигонд сты
1 184 306 æмбæстаг, – уый тыххæй информаци хъусын кæны низты контролы националон центр.
Афтæма сæ информацийæ, 30 августы сæхицæн низы ныхмæ хос бафтыдтой 25670 адæймаг. Æххæстæй вакцинацигонд сты 393 764 адæймаг, æрмæст Иу дозæйæ вакцинацигонд сты 769 542 æмбæстаг .
Вирусæй инфицирады ног цауты æрдгæй та зноны статистикæ ахæм уыд: сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 4 778 ног цау, сæнæниз ис 4 753 пациент. Коронавирусæй рынчын ноджы 79 пациент та амард.