25-26-æм майы Руставелийы фæзыуаты æрдæм æхсæнадон транспорты маршруттæ уыдзысты ивд
25-26-æм майы Руставелийы фæзыуаты æрдæм æхсæнадон транспорты маршруттæ уыдзысты ивд
Мидхъуыдтæгты министрады информацийæ, 26-æм майы, Гуырдзыстоны хæдбардзинады бонмæ гæсгæ мадзæлтты бацæттæ æмæ бæрæгбоны снысаны бон, сæйраг сахары автотранспорты змæлд къуылымпыгонд уыдзæн.
«Уымæй дарддæр ма уын хъусын кæнæм, цæмæй 21 майы 06:00 сахатæй, амтомобильты змæлды маршруттæ бæрæгбойнон мадзæлтты фæуды онг рæстæгмæ ивд æрцæудзысты æмæ транспорт змæлдзæн ахæм ардæмадтæй: Пушкины уынгæй ссæуæг автомобильтæн Гиорги Леонидзейы уынджы æрдæм змæлд æхгæд уыдзæн – Леонидзейы уынгмæ бацæуынæн, змæлдзысты æрмæстдæр Руставелийы проспекты уылты, зиллакыл раздæхдзысты æмæ фæстæмæ Руставелийы проспекты уылты ссæудзысты Леонидзейы уынгмæ.
Шалва Дадианийы æмæ Котэ Апхазийы уынгтæй ссæуæг автомобильтæн афтæдæр рæстæгмæ змæлд урæд уыдзæн Руставелийы проспекты æрдæм. Фæнысангонд уынгтæй ссæуæг автомобилон къада, Пушкины уынджы уылты ныццæудзæн Бараташвилийы уынгмæ, раздæхдзæн æмæ змæлдзæн Руставелийы проспекты æрдæм.
Уæлдæрбанысангонд маршруттæ 26 майы мадзæлтты фæуды онг архкадзысты, цæй фæстæ дæр змæлд хуымæтæг режимы сног уыдзæн. Алы уынджы æмæ фæзыл транспортон змæлд регулир кæндзæн патрулон полицийы экипажтæ», – банысангонд у МХМ-ы информацийы.