25-æм ноябры хицауады сконды парламентмæ бавдисдзысты æууæнкдзинады хъæлæсæппæрстæн
25-æм ноябры хицауады сконды парламентмæ бавдисдзысты æууæнкдзинады хъæлæсæппæрстæн

Фидæн майрæмбоны, Гуырдзыстоны парламентæн æууæнкдзинады хъæлæсæппæрстæн бавдисдзысты хицауады сконд, уый тыххæй дæр мæ фæнды æппæт министрадтæй курын райдайой кусын хицауадон программæйы кæронбæттæн сбæлвырд кæныныл, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр расидтис Ираклий Къобахидзе хицауады рабадтыл.

Хицауады сæргълæууæг куыд банысан кодта, афтæмæй парламентмæ бавдыст æрцæудзæн куыд хицауад, афтæ цыппар азы программæ дæр.

«Куыд зонут афтæмæй, майрæмбоны, хицауады сконды æмрæнхъ Гуырдзыстоны парламентмæ хъуамæ бавдисæм хицауадон программæ æмæ цыппар азы программæ æмæ нысаниуæгджын у, цæмæй алы детæлттæ сты сбæлвырдгонд. Уый у мæ курдиат алы министрадмæ æмæ министрмæ. Нæ разы ис амбициозон хæс, кæцы æвдыст цæуы хицауады программæйыл. Цыппар азы фæстæ, мах хъуамæ нæ бæстæйы рæзты бынтон æндæр къæпхæнмæ ахæссæм, уый ифтонг уыдзæн нæ хицауадон программæйæ. Ныртæккæ сæйрагдæр у æрвылбонон куыст, цæмæй æппæт хæстæ æххæстгонд æрцæуой, куыд æмбæлы, афтæ», — загъта хицауады сæрдар.