Алы майрæмбон æмæ сабат, 00:00 сахатæй 06:00 онг, 21 сентябрæй, метростанцæ «Ахметелийы Театр»-æй «Варкетилийы» онг змæлдзæн автобус. Проект бакуыст æрцыд проект «Æхсæвы экономикæ»-ы фæлгæтты.
Проекты тыххæй, Тбилисы хицауады абоны рабадтыл фæныхас кодта мэр Каха Каладзе.
«Цымидис кæнæм куыд цаудзæн пилотон проект. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, ай уыдзæн тынг рæувадат куыд æвзонгтæн, æхсæвы цард уарзæгтæн, афтæ туристтæн дæр æмæ æхсæвы афон чи кусы уыцы æмбæстæгтæн», – райхъусын кодта Каха Каладзе.
Æхсæвы автобусыл балцон билеты аргъ уыдзæн 50 тетри. Уыдон змæлдзысты иу сахаты интервалæй æмæ иу фæлæудзысты ацы лæууæнтыл:
– Метростанцæ «Ахметелийы Театр»;
– Парнаваз Мепейы проспект (гипермаркет «Гудвил»);
-Къуары галиу былы æмæ Гиорги Саакадзейы I ахизæны алвæндаг;
– Вахушти Багратионийы æмæ Рафаэл Агладзейы уынгты алвæндаг;
– Стадион «Динамо Аренæ»;
-Давит Агъмашенебелийы проспекты №106;
– Республикæйы фæз;
-Николоз Баратишвилийы уынг, «Конка»;
-Европæйы фæз;
-Вахтанг Горгасалийы уынджы №7 – абанæты цур;
-Додашвилийы фæз;
-Метростанцæ «Исани»;
-Мептростанцæ «Варкетили».