21 ноябры банысан кæнынц Телеуынынады Æппæтдунейон Бон

21  ноябры  телеуынынады  дунеон бон банысан кæнынц. ИНО-йы   æрвылазон  инициативæйы фæлгæтты, ацы бон  телеуынынадтæ  æппæт дунейы баиу вæййынц æмæ 30 минутон видео  равæрынц  эфиры  уый тыххæй,  цæмæй нын бакой кæной  телеуынынады тых  адæймæгты  царды.

Телеуынынады  дунеон бон, кæцы 26-æм хатт банысан кæнынц,  бæрæгбон кæны глобалон реалондзинад: Телевизорæн бирæ фылдæр фадæттæ ис,  æндæр медиаимæ абаргæйæ.  Телеуынынад кæддæриддæр рæувадат у хæдзары  æмæ балцы рæстæджы, алы экреныл, комкоммæ эфиры кæнæ онлайн.

Ацы аз  телеуынынады  дунеон боны сæйраг темæ у хъусдард баласын   уыцы  бахахх кæнынæн, цæмæй  куыд  ласы  йæхимæ  телеуынынад  дзыллæйы  хъусдард    хæрзгъæд ивхæрсæн,  социалон фарстатыл, ног  хабæртты  кæнæ æндæр фæзындтæм.

1996 азы  ИНО йæ уæнг бæстæтæн  телеуынынады  æхсæнадæмон бон сбæрæгбон кæнынмæ  æрсидтис. Уый тыххæй сывзæрстой 21  ноябр, Телеуынынады  фыццаг дунеон  форум ауадзыны  датæ.