2026 азы «Ног азы хъæу» сыхгæдтой
2026 азы «Ног азы хъæу» сыхгæдтой

Кæронмæ æрхæццæ сты 2026 азы Ногбон æмæ Ног азы бæрæгбонмæ нывонд мадзæлттæ, кæцытæ цыдысты 34 боны.
Тбилисы мэр Каха Къаладзе сæйраг сахары хицауады рабадтыл куыд расидтис афтæмæй, ацы аз Ног азы мадзæлттæ уыдысты тынг масштабон æмæ алыхуызон.
Сæйраг сахары мэр афтæ дæр фæныхас кодта бæстæйы сабырады нысаниуæгыл æмæ банысан кодта, цæмæй хицаугæнæг кърды æххæстгонд политикæ фыццаджы дæр здæхт у сабырад бахъахъхъæнынмæ.
«Фæнды мæ ноджы иу хатт раарфæ кæнон æппæт Гуырдзыстонæн Ногбон æмæ Ног азы бæрæгбон æмæ фыццаджы дæр раарфæ кæнон нæ бæстæйæн сабырдзинад.Сабырадæн альтернативæ нæй.Мах уынæм цавæр процесстæ цæуынц дунейы, уый тыххæй дæр сабырад тынг нысаниуæгджын у æмæ «Гуырдзиаг бæллиц – Демокративон Гуырдзыстоны» æххæстгонд политикæ здæхт у бæстæйы сабырад бахъахъхъæнынмæ» – райхъусын кодта Къаладзе.