2026 азы  Дунейы  чемпионатæн  футболы,  сфысым кæндзæн  æртæ бæстæ
2026 азы Дунейы чемпионатæн футболы, сфысым кæндзæн æртæ бæстæ

2026 азы  Дунейы  чемпионат футболы,  ацæудзæн Цæгат Америкæйы  континенты æртæ бæстæйы: Канадæйы, Америкæйы Иугонд Штатты æмæ  Мексикæйы. Уый фæдыл  бæрæг ссис абон, Мæскуыйы   уагъд ФИФА-йы  конгрессы.л. Уæлдæрæрнымад бæстæты  иуæймаг кандидатурæйæ уæлдай, 2026 азы  дунейы  чемпионаты  фысымдзинадыл,  претензи  уыд Мароккомæ дæр.  Штаттæ, Канадæ æмæ Мексикуæ  делегатты  134 хъæлæс  райстой,  Марокко та 65.

Уæлахиздзау  кандидадттæм нæридæгæн æвзæрст сты  23  сахар,  цы ран  хъæзтытæ  ацæудзысты, фæлæ    уыдонæй  дæр æрмæст  16  горæт равзардзысты. Фæнысанкæнинаг у,   цæмæй  ацы  23 сахарæй   æрмæст  6   не сты  АИШ-ы.  Адон сты:  Мехико,  Гвадалахара, Монтеррей (се ртæ дæр Мексикæ), Торонто, Монреал æмæ Эдмонтон ( æртæ дæр Канадæ).

Фæнысан кæнинаг у,  цæмæй  ай  уыдзæн   фыццаг мундиаль, кæцыйы  хайад райсдзн 48 бæстæйы æмбырдгонд.