2024  азы фыццаг январæй  автомобилты  фæздæг фæкъаддæры нысанæн скусдзысты ног регуляцитæ
2024 азы фыццаг январæй автомобилты фæздæг фæкъаддæры нысанæн скусдзысты ног регуляцитæ

Фæздæг æгæр  пырхгæнæг  хæдтулгæты æрласт арæн скæныны фæндагæй,  фæздæг фæкъаддæры нысанæн    регуляциты сбæрæг кæнын, горæты  атмосферон  уæлдæфы   счъиззийы  ныхмæархайæг  уыдзæн,  –  уый фæдыл  сæйраг горæты  мэр Каха Каладзе райхъусын кодта.

Муниципалитеты хицауады рабадтыл  Тбилисы мэр  Гуырдзыстоны   премьер-министры  инициативæйæн сдзуапп кодта, кæцы  2024  азы  фыццаг  январæй   автомобилтæн фæздæгы «евро 5» стандарты  æмбæлон  арæйнон   нормæтæ  сфидар кæнынмæ æххæссы.

«Бæрæг у, тынг стыр   проблемæ  у   сæйраг горæты  фылдæргонд  хицæн хæдтулгæтæ.  Статистикæйы  тыххæй  зæгъдзынæн: 2012  азы онг Тбилисы  пиккы сахатты,  180000 хисæрмагонд  автомобил  змæлыд.  Абоны бæрæггæнæнтæй,  Тбилисы  600 000 фылдæр  хæдтулгæ  змæлы.  Уый та  фаздæджы   æмæ уæлдæфы   счъиззийы æрдгæй, стыр проблемæ у.  Афтæма, хъыгагæн,  иттæг   æвзæр практикæ æрфидар ис Гуырдзыстоны,  автомобилты  фылдæр хайæн, а.х. катализатортæ куы рафтауынц уæй сæ  кæнынц æмæ ацы рæстæджы, автомобил  уæлдæфы тынг тæссаг чиззигæнæгæй свæййы.  Растдæр уый у  сæйраг аххос  азоты оксидæй   атмосферон   уæлдæфы чиззигæнæг æмæ ацы æрдгæй   сæйраг горæты  æцæгдæр  тынг æвзæр уавæр   ис».  – загъта  Каха  Каладзе.

Афтæма  йæ  ныхасмæ гæсгæ, муниципалитеты æрдгæй  дæр уыдзæн арызт конкретон къахдзæфтæ, цæмæй фæнысангонд  æрдæмад  срегулир уа.

«Хъуамæ банысан уа уыцы факт, ома  горæты  змæлынц ахæм хæдтулгæтæ, кæцытæ  технасгæрсты  æрдгæй,   критикæйæн нæ фæразынц, ацы æрдæмад срегулир кæнынæн  æцæгдæр  уыдзæн арызт   конкретон къахдзæфтæ, цæмæй алкæй  бастдзинадæй, уæлдæфы   ныссыгъдæгмæ баххæссæм, кæцы  нæ æнæниздзинадæн иттæг нысаниуæгджын у», – райхъусын кодта  Тбилисы мэр.