2023 азы кæронæй Европæйы бæстæтæм  балц кæнын кæй фæнды  уыдон тыхыбын  уыдзысты барлæвæрд райсын æмæ  7 евройы бæрц бафидын
2023 азы кæронæй Европæйы бæстæтæм балц кæнын кæй фæнды уыдон тыхыбын уыдзысты барлæвæрд райсын æмæ 7 евройы бæрц бафидын

2023 азщы кæронæй, Европæйы  бæстæтæм  балц кæнын кæй фæнды  уыдоны  бахъæудзæн    барлæвæрд сисын æмæ  7 евро  бафидын.

Ногдзинад, æнхъæлцау, ноябрæй скусдзæни æмæ   баххæсдзæн 60-йæ фылдæр  паддзахадмæ, сæ  нымæцы Гуырдзыстоны æмбæстæгтæм, кæцытæ шшенгены зонæмæ æнæвизæ  балц кодтой.

Еврокомиссийы  официалон веб-фарсыл  куыд у банысангонд афтæмæй, «Бæлццонон информацийы æмæ авторизацийы Европаг системæйы» (ETIAS) регистрацийæн æнæмæнгхъæугæ   уыдзæн  специалон   электронон формæ  баххæст кæнын æмæ  куырдиатыл æвæрццаг  дзуаппы цауы,   Европæмæ балцы  фæдыл барлæвæрд  æртæ азы æмгъуыдæй уыдзæн лæвæрд.  Бæлццонон куырдиаты  ногæй баххæст кæнын æрмæст уыцы цауы бахъæудзæн, кæд æмбæстаг барлæвæрды архайды периоды  исты æсонæн   йæ паспорт раивдзæн.

Еврокомиссийы  информацийæ,   Шенгены  зонæмæ  бахизынæн   7 евройы  бæрц фидинагы бамбæрзын æнæмæнгхъæугæ уыдзæн  18-æй  -70 азы  онг кары  адæймæгтæн,  æрмæст 18 азы онг æмæ 70 аздзыдæй хистæртæм  фидинаг нæ баххæсдзæни.

Электронон анкеты, кæцы Европæмæ балцы агъоммæ   хъуамæ баххæстæуа,  æмбæстæгтæ  ныффысдзысты  сæрмагонд  бæрæггæнæнтæ, уый нымæцы    райгуырды  датæ,   адрис, тилифоны номыр,  ахуыры æмæ  куысты фæдыл информаци.  Кæй фæнддзæн уыдоны афтæдæр базхъæудзæн,  бавдыисын Евроцæдисы  уæнг бæстæ, кæцыйы фендзысты фыццагæй.  Куырдиаты формæйы  афтæдæр   уыдзæн  бынат, цы ран æнæмæнгхъæугæ уыдзæн  сдзуапп кæнын  æнæниздзинады фæдыл фарстæн тæрхонмæ лæвæрд у æви нæ  уый фæдыл фарстæн æмæ а.д.   Европæмæ  балц кæнынæн  хъæугæ   барлæвæрд райсты  фæстæ, йæ  смыхуыр кæнын  æнæмæнгхъæугæ нæ уыдзæн.

Еврокомиссийы  хуъсын кæнынц, цæмæй  ног системæйы  фæрцы, Европæйы  балц кæнын фылдæр æдас  суыдзæн.