2020 азы коррупцийы рахатæны индексæй Гуырдзыстон регионы фыццаг бынатыл ис
2020 азы коррупцийы рахатæны индексæй Гуырдзыстон регионы фыццаг бынатыл ис. Уый фæдыл «Æхсæнадæмон Рухсдзыдзинады» 2020 азы иртасæны мидæг дзырдæуы, кæцы пабуликацигонд æрцыд абон. Информацийы хъусын кæны Гуырдзыстоны юстицийы министрад.
Афтæма сæ хъусинагæй, «Æхсæнадæмон Рухсдзыдзинады» коррупцийы рахатæны индексæй (CPI), Гуырдзыстоны раздзог позицитæ ахсы æмæ ацы аз дæр фыццаг бынатыл ис Скæсæн Европæ æмæ Централон Азий регионы; Дунейы масштабæй та Гуырдзыстоны 180 бæстæйы æхсæн, 45-æм бынатыл ис æмæ фæстаг фондз аз у, лæууы сегасдæр хуыздæр бæстæты 2 проценты æхсæн.
Юстицийы министрады куыд банысан кодтой уымæ гæсгæйæ, 2020 азы коррупцийы рахатыны индексмæ гæсгæйæ, Гуырдзыстон йæ бæрæггæнæнтæй йæ фæстæ фæуагъдта Евроцæдисы фараст бæстæ.