2020 азæй скъола æмæ  рæвдауæндæтты  ахуыргæнджыты  мыздтæ фæуæлдай уыдзысты
2020 азæй скъола æмæ рæвдауæндæтты ахуыргæнджыты мыздтæ фæуæлдай уыдзысты

Гуырдзыстоны  премьер-министр  Гиорги Гахариайы  информацийæ,   2020 азы  ахæурадон   афæдзмæ, скъолайы   ахуыргæнджыты  мызд  30 0 ларийæ   райрæздзæн.

Уый фæдыл   Гирги Гахариа  хицауады абоны уæлрадон рабадтыл  райхъусын кодта. Хицауады  рабадты  темæ 2020 азы  паддзахадон бюджеты проект у.

Уый йеддæмæ ма  премьеры дзырдæй,  фæфылдæр уыдзæн  сываллæтты рæвдауæндæтты   мыздтæ  дæр.

«Æххæст мыздыл  кусæг  ахуыргæнджыты   мызд   рæзы  куыд  цæугæ, афтæ   фидæн  ахуырадон   азы  дæргъы у, кæцы уый нысан кæны, цæмæй   2020  ахуырадон афæдзмæ ахуыргæнджыты мыздтæ  райрæздзысты 300 ларийæ.

Афтæдæр мæ фæнды зæгъын уын, цæмæй   2020 ахуырадон афæдзмæ  сывæллæтты   рæвдауæндæтты  ахуыргæнджыты  мыздтæ,  райрæздзысты  100 ларийæ»,- райхъусын кодта  Гиорги Гахариа.