2018 азы президентон æвзæрстытæм ЦÆК бахардз кæндзæн 39 136 784 ларийы

17:51, 08.01.2018

2018 азы   президентон  æвзæрстытæм  Централон Æвзарæн Камис  бахардз кæндзæн  39 136 784  ларийы.   Цæугæ азы   президентон  æвзæрстытæм   паддзахады  рауæлдайгонд   суммæйы   райуæрсты  æмæ   спайда кæныны  уагы  сæбæрг кæныны фæдыл, ЦÆК-ы уагæвæрд,  абон публикацигонд æрцыд   Закондæттæн Уацхæссæджы.

Фæнысангонд  суммæйæ, æвзæрстыты ауадзыны  мадзæлттыл, 28 272 634 лар  бахардз уыдзæн.  Æвзæрстытыл кусджыты бацæттæйæн   зæрдылдард  у  1 002 300  ларийы,   æвзарæнон субъекты  телеуынынадон   рекламæйы хардз  уыдзæн 2 242 850  лари, æрмæст   æвзарæнон  субъекты  минæвæртты  финансдзинадæн, та 7  619 000   лари.

Гуырдзыстоны  президентон  æвзæрстытæ  2018 азы  октябры  сырæздзæн.

 

Хуыздæр