2018 азæй  клиникæтæн  æнæмæнг суыдзæн  электронон рецепты рафыссын
2018 азæй клиникæтæн æнæмæнг суыдзæн электронон рецепты рафыссын

Электронон   рецепттæм ахизын  æнæмæнг суыдзæн  2018 азæй.  Æнæнизхъахъхъæды мнистрады  куыд дзурынц афтæмæй,  реформæ,  фыццаг этапыл  Тбилисы   масштабæй  сæххæст уыдзæн,  этапгай та  æппæт Гуырдзыстоныл аххæссдзæн.

Проекты  клиникæты  минæвæрттæн базонгæ  кодта,   куысты, æнæниздзинады æмæ социалон  хъахъæды  министр Давит Сергеенко.  Министры фидиуæнæй,  ай уыдзæн  селекцион   контрактдзинады   ноджы  иу критерий.  Уымæ гæсгæ  дæр, æппæтадæмон æнæнизхъахъъæды  программæйы  хайад нал райсдзысты  клиникæтæ  кæцытæ  электронон рецепты  рафыссыны практикæ  не æрбайсдзысты.

Проекты фæлгæтты,   алы ставд хызагон фармацевтон   компанийы æмæ 15-ы онг   хицæн афтекы  минæвæрттæ,  æрзонгæ  сты   электронон   рецептты  системæимæ.   Трейнинг  Тбилисы масштабæй  1000-æй фылдæр   дохтырæн сырæзт.  Афтæдæр æрцæттæ ис,   паддзахадон   электронон   рецепты  системæйæ пайдакæнынады   электронон  æмæ  видео-инструкцитæ.

Дохтыртæн  трейнингты  ауадзын плвнгонд у регионты дæр. Абоны бонмæ  электронон рецепты  паддзахадон системæйы регистрацигонд сты Тбилисы  масштабæй  1000 фылдæр дохтыр æмæ   500-йы онг  афтекон  уагдон.

Æнæнизхъахъæды министрад электронон  æнæнизхъахъæды  æрфидар кæныны  æрдæм куыст, ныридæгæн райдыдта.  Сабитыл аудыны  программæтæ, кæцыты æххæст кæны социалон лæккады   агентад,  ахызт  электронон системæмæ.   Афтæдæр  цæуы куыст  0-6 азы онг   кары сывæллæтты  медицинон    ныффысты  электронон модулыл, кæцы  кармæ гæсгæ  къорды  рæзынады æмæ  райтынгы  æрдæм æнæаскуынгæ  мониторингы  фадат дæтты.