2018-æм азы Тбилисы бюджет 6- милуан ларийæ фестыр уыдзæн. Уый фæдыл Тбилисы мэр Каха Къаладзе финансты министрады фембæлды фæстæ расидтис. Финансты министрады, Мамука Бахтадзе æмæ Каха Къаладзе сæйраг сахары 2018-æм азы бюджеты проекты сæйраг параметртæ бакастысты. «Бузныг сидын финансты министрадæн, Тбилиы плангонд мадзалтæн уæлæмхасæн 60 милуан лари кæй рахицæн кодта» -сиды Къаладзе. Йæ ныхасмæ гæсгæ, æхца конкретон проекттыл уыдзæн хардз, сæрмагондæй метрополитены реабилитаци æмæ зæронд Тбилисы историон хайы реабилитацийæн. 2018-æм азы Тбилисы бюджет æнæхъæнæй 875 милуан лари у.