2018-æм азы январы Гуырдзыстонæй Евроцæдисы бæстæты политикон статусы курджыты 1859 фидиуæн бацыд
2018-æм азы январы æрбадæттæгтæм гæсгæ, Гуырдзыстонæй Евроцæдисы бæстæты политикон статусы курджыты нымæц 1859 уыд. Снысангонд информаци фыццаг къанал европон агентадæй райста. Сæ ныхасмæ гæсгæ, æрбадæттæгтæ алкæмæй бæрзонд сты 2014-æм азы фæстæ.
Европон агентады информацийæ, Гуырдзыстонæй апликантты нымæц 2017-æм азы сентябрæй сырæзт. 2018 æм азы январы æрбадæттæгтæм гæсгæ та, 2017 æм азы сентябры æрбадæтæгтæй дыууæ хатт фылдæр у.
Агентады информацийæ, январы æрббадæттæгтæм гæсгæ, Гуырдзыстон уыцы æхссæз бæстæйы æхсæн ис, кæцытæй политикон статусы курджыты нымæц бæрзонд у уыдон сты – Сири, Иракъ, Афганистан, Нигери æмæ Пакистан.
2018-æм азы январы, алкæмæй фылдæр фидиуæн Сирийæ бацыд – 5 932 апликаци, Иракæй – 3803, Афганистанæй- 3136, Нигерийæ – 2732 æмæ Пакистанæй – 2313.