2018-2019 ахуырадон азы мидæг 10 мины онг ахуыргæнæгæн сæ мызд фестыр уыдзæн
2018-2019 ахуырадон азы мидæг 10 мины онг ахуыргæнæгæн сæ мызд фестыр уыдзæн

 

2018-2019 ахуырадон азы мидæг 10 мины онг ахуыргæнæгæн сæ мызд фестыр уыдзæн.

Уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр, Мамука Бахтадзе Ихъалтойы расидтис, кæцыйы рухсады реформæйы уынг бавдыста.

«Ахуыргæнджыты мызд уыдзæн ногæй кастгонд. Фыццаг этапыл 2018-2019- азы 10 мины онг ахуыргæнæгæн сæ мызд фестыр уыдзæн. 2022 азы онг та ахуыргæнджыты мызд æртæ хатт сырæза», – расидтис Мамука Бахтадзе.

 Гуырдзыстоны хицауады администрацийы информацийæ, рухсады реформæ, кæцы премьер бæсæтйы размæцыды стратегион приоритетæй рахуыдта, уыдзæн æхæхст фондз сферæ –  скъолайы онг рухсад, ахуырад, профессион ахуырад, уæллаг ахуыраг æмæ рухсад.

Рухсады системайы реализкæнинаг реформæтæ æхсæнадæн деталонæй базонгæ кæндзæн рухсады министр Михаил Батиашвили.