2017 азы Гуырдзыстоны бензин æмæ дизелы импорт фæкъаддæр ис
2017 азы  Гуырдзыстоны  бензин æмæ дизелы импорт фæкъаддæр ис

Нефтпродуктты  импортерты  цæдисы  информацийæ,   2017  азы  Гуырдзыстоны нефтпродуктты ( бензин,  æмæ дизелы артаг)   импорт  уыдис  1095,8 мин тоннæ, кæнæ та  10,9 %  къаддæр у  2016 азы  бæрæггæнæнтимæ абаргæйæ.

Сæ нымæцы  2017 азы   бензины  артагы   импорт  уыдис  532,6  мин тоннæ (раззаг азимæ абаргæйæ фæкъаддæр  43,6 мин тоннæйæ)  æрмæст дизелы   аратгы  импорт  –  563,2 мин тоннæ (раззаг азимæ абаргæйæ фæкъаддæр 90,2 мин тоннæйæ).

Бæстæтæм гæсгæйæ, 2017  азы  бензины  æмæ  дизелы артагы импорты сеппæтæй   стыр бæрцуат сæххæст  Румынийæ –  305,7 мин тоннæ,  кæцы  æппæтон импотры  27,9 %  у.  Уый фæстæ сты: Уæрæсе – 223,6 мин тоннæ, Азербайджан -197,6 мин тоннæ,  Болгарий-154,7 мин тоннæ, Туркмений – 149  мин тоннæ, Греци –  51,7 мин тоннæ, Украинæ – 5,2 мин тоннæ.