2017 азы дунейы кусæн хæстæ æххæст кæныны рæстæджы 65 журналист æрбамард
2017 азы дунейы кусæн хæстæ æххæст кæныны рæстæджы 65 журналист æрбамард. Æхсæнадæмон бартæ хъахъахъæнæг организаци «Репортертæ æнæарæнтæй» æрвылазон хыгъдлæвæрд публикаци кæны. Медийы минæвæрттæн сегасæй тæссаг бæстæты номхыгъды сæры лæууынц Сирий æмæ Мексикæ.
Фæмардуæвджытæй 26 фæхъуыдысты кусгæйæ. Уыдон фестадысты, авиабырстыты, артиллерион æхсты æмæ химарæг террористты сæххæст теракты амæттаг. 39 корреспондент та, кæцыты æрмæджытæ политикъон экономикон кæнæ фыдгæнæгн къордты интерстæн уыдысты тæссаг, сты марындзинады амæттаг.
Бæстæты ранымад та ахæм у:
Сирий -12,
Мексикæ -11,
Иракъ – 9,
Афгъанистан – 8,
Индий – 4,
Филлиппинтæ – 4,
Сомали – 4,
Мальтæ – 1,
Хуссар Судан – 1,
Гондурас-1,
Даний – 1,
Колумби – 1,
Бразили- 1,
Бирма – 1,
Бангладеш – 1.
Сегасæй зындгонд æссис, мальтайаг джурналисты Дафне Каруана Галициайы марындзинад. Журналист 16 октябры сæрмагонд автомобилы спырх кодтой.
Дафне Каруана Галиция хицауады уæнгты, уый нымæцы Мальтæйы премьер-министры финансон махинациты бастдзинады фæдыл арæх фыста. Марындзинады хъуыддагыл ахст 10 уæнгæй æртæйæн аххосаг бавдыстой.
Фыццаг декабры бæрæггæнæнтæм гæсгæ, информацийы алæвæрды фæдыл, дунейы масштабæй 326 журналисты æрцахстой, 54 та амынæт сты, дыууæ корреспондлент æвæндаг æбайсæфтыл нымад цæуынц.
Фæнысан кæнинанг у, цæмæй ивгъуыд азмæ абаргæйæ, ацы азы бæрæггæнæнтæ къаддæр сты. 2016 азы кусæн хæстæ æххæст кæныны рæстæджы фæмард 74 журналист.