2017-æм азы октябры, Германийы лыгъдоны статус, Гуырдзыстоны 380 æмбæстаг æркуырдта
2017-æм азы октябры, Германийы лыгъдоны статус 15 170 адæймаг æркуырдта, уыдонæй 380 Гуырдзыстоны æмбæстаг. Уый фæдыл Германийы мидхъуыдтæгты министрад парахат кæны информаци. Уагдоны рапарахатгонд хаццæгмæ гæсгæ, ивгъуыд мæйы Гуырдзыстон, Германийы лыгъдоны статусы агуырды нымæцмæ гæсгæ, фаарстæм бынатыл ис. Фыццаг бынатыл Сирия ис – октябры Германийы статус 3301 Сирийы æмбæстаг æркуырдта. Афтæ дæр банысанкæнинаг у, цæмæй сентябры мæйы Гуырдзыстоны æмбæстæгты нымæц уыд- 262, августы та -217. Хаццæгмæ гæсгæ, Германийы 2017-æм азы райдайæнæй, 17-æм октябры онг 156 000 мигрант æркуырдта статус, сæ фылдæры хай Сирийæгтæ (39519), Иракъæгтæ (17644) æмæ афгайнæгтæ(10525).