2007 азы 7 ноябры митинггæнджыты ныссæндыны æмæ «Имедимæ» лæбурды хъуыддагыл процесс абонмæ у нысангонд
2007 азы 7 ноябры митинггæнджыты ныссæндыны æмæ телекомпани «Имедимæ» лæбурды хъуыддагыл зылынмæ лæвæрд раздæры бæрзонд гæсты тæрхоны процесс абонмæ у нысангонд. Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн, иуæй-иу зылынмæ лæвæрды, Михеил Саакашвилийы адвокат Бека Басилаиа фехъусын кодта, цæмæй Саакашвилийы æнъæлцау, тæрхоны процессмæ онлайн режимы ссиу уыдзæн.
Афтæма йæ дзырдæй, уыцы хъуыддагыл иуæй-иу тæрхонгæнæг Лиана Оркодашвили ног тæрхонгæнæгæй уыд ивд, уымй тыххæй дæр ацы аууæлы бынудрыл хъуыддаджы ногæй æркæсын домынц.
Адвокаты æмбарынгæнæнмæ гæсгæ, Саакашвилийы æнæниздзинады уавæрмæ гæсгæйæ,тæккæ абон сын уыдзæн бæрæг барадон фарстатыл куырдиат, кæцыйы даууаг фарс рагафон нæ конкрет кæны.
Фæнысангонд хъуыддаджы прокуррор Лаша Цхвитариа Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн фехъусын кодта, цæмæй тæрхондонæй йæм фæдзырдтой æмæ йын загътой, цæмæй рабадт у нысангонд æфхæрды мадзалы ногæй æркæсыны фæдыл. Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ ацы хъуыддагыл Саакашвилийæ дарддæр, ис æндæр зылынмæ лæвæрдтæ дæр – Мерабишвили, Адеишвили, Къезерашвили, Угулава.
Адеишвили æмæ Къезерашвилийæн фæсаууонæй стæрхон кодтой æфхæрды мадзал, кæцы тугтæрхоны барады процессон кодексы домæнмæ æмбæлгæйæ, дыууæ мæйы мидæг иу хатт æркæсынц. Абон растдæр ацы фарста хъуамæ æркæса тæрхондон. Прокуррор банысан кодта, цæмæй Саакашвилийы ссиу кæныны æмæ адвокатты куырдиаты фæдыл йæм информаци нæй.
Раздæры тæрхонд гæсты, сæ кусæн барты фæуæлдай кæныны аххосджын кæнынц, кæцы -æй 8 азы онг ахст дары йæ хъуыдыйы. Хъуыддаджы кæсы Тбилисы горæты тæрхондон тæрхонгæнджыты коллегий æртæ тæрхонгæнæджы скондæй.