2006-æм азы фыццæгæм апрелы онг лæвæрд транспорты скъæрыны бардæттæг документтæ, фыццæгæм январæй юридион тых сафынц
2006-æм азы фыццæгæм апрелы онг лæвæрд транспорты скъæрыны бардæттæг документтæ, фыццæгæм январæй юридион тых сафынц. Мидхъуыдтæгты министрады информацийæ, 2006 æм азы 1-æм апрелы онг Гуырдзыстоны лæвæрд транспорты скъæрыны бардæттæг документтæ, 2018-æм азы 1 æм январæй юридион тых сафынц. Снысангонд ивæндзинад нæ хауы уыцы документтæм, кæцытæ сты нырыгкон стандартты пластикон картатæм.