18-метрон автобустæ абонæй №314 маршрутыл змæлынц
18-метрон автобустæ абонæй №314 маршрутыл змæлынц

18-метрон автобустæ абонæй №314 маршрутыл змæлынц.

MAN-ы маркæйы ног автобустæ, абонæй № 314 маршрутыл разындысты. Уый фæдыл информаци Тбилисы мэри парахат кæны.

Тбилисы мэрийы информацимæ гæсгæ, снысангонд маршрутыл, абоны онг змæлæг 12-метрон автобустæ, 18-метрон автобустæй уыдысты ивд.

Автобустæ нымад сты 162 балццоныл, уыдонæй 43 бадæн бынат ис. Автобустæ адаптацигонд сты амал арæнгоннд уæнгтыл, салоны ис специалон тыгъдад инвалидон каляскæйы æдасæй æрывæрдæн, ис специалон пандус. Кондиционер æмæ вентиляци, кæцы нымад у Тбилисы климатон уавæртыл.

18-метрон, 160 автобус муниципалитет  транспортон реформæйы фæлгæтты балхæдта. Ног автобустæ №302 æмæ №308 маршруттыл змæлынц. Плангонд у 18-метрон автобусты №301 маршрутыл дæр -ис фыст мэрийы информацийы.