17 партийы балæвæрдтой курдиат ЦÆК-мæ 4 октябры æвзæрстытæм регистрацийы тыххæй, уыдонæй 14 ныридæгæн сты регистрацигонд
17 партийы балæвæрдтой курдиат ЦÆК-мæ 4 октябры æвзæрстытæм регистрацийы тыххæй, уыдонæй 14 ныридæгæн сты регистрацигонд

17 æвзарæн субъекты бахатыдысты Централон æвзарæн къамисмæ 2025 азы 4 октябры бынæттон хиуынаффæйады æвзæрстыты регистрацийы тыххæй. Уыдонæй ныридæгæн регистрацигонд æрцыдысты 14, æртæ та сты æркæсинаг.

Æвзæрстытæм ныридæгæн срегистрир сты ахæм партитæ: «Гуырдзиаг бæллиц», «Тыхджын Гуырдзыстон – Лело»; «Гахария Гуырдзыстонæн»; «Гирчи»; «Гуырдзыстоны патриотты альянс»; «Консерватортæ Гуырдзыстоны фарс»; «Райгуырæн бæстæ, æвзаг, уырнындзинад»; «Адæмон хицауад»; «Гуырдзыстон»; «Галиу цæдис»; «Гуырдзыстоны иудзинад»; «Зæлдаг парти»; «Нæ Иугонд Гуырдзыстон»; «Сæрибар Гуырдзыстон».

ЦÆК-ы веб-фарсыл рапарахатгонд информацимæ гæсгæ, нырма æртæ фарсы регистрацийы фарста каст цæуы. Уыдон сты: «Æртыккаг фæндаг»; «Гуырдзыстоны иудзинад æмæ рæзынады парти»; «Демократты альянс».